Цӕгат Иры COVID-19-ы амӕттаг бацис ноджы иу адӕймаг

Пандемийы рӕстӕджы фӕрынынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы схызт 8977 онг, уыдонӕй 8141 сӕнӕниз сты, 75 рынчыны та амардысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕзиан ис ноджы иу адӕймаг диагноз COVID-19-имӕ, ӕдӕппӕт вирусы аххосӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 75-мӕ. Уымӕй дарддӕр, республикӕйы рабӕрӕг кодтой 76 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, дыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 8977 онг. Уый тыххӕй фехъусын кодтой "Роспотребнадзор"-ы.

- 389 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 372 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 8141 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.

- 75 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.