Цхинвайлаг лӕппу ауӕй кодта йӕ хӕдтулгӕ, цӕмӕй баххуыс кӕна "сырх зонӕ"-йӕн

Хуссар Ирыстоны коронавирусы инфекцийы апарахат стыр гурахст куы райста, уӕд лӕппу аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй йӕ хӕдтулгӕ ауӕй кӕнӕ ӕмӕ йӕ фӕрӕзтӕй балхӕна хостӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры волонтерты нымӕцы уыд диссаджы адӕм. Ӕрыгон лӕппуйы дӕнцӕг у Гӕбӕраты Алан, кӕцы йӕ хӕдтулгӕ ауӕй кодта, цӕмӕй баххуыс кӕна медкластерӕн медикаменттӕй, радзырдта Sputnik волонтер Тыбылты Алан.

Паникӕ дзы нал ис: волонтер Хуссар Иры "сырх зонӕ"-йы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты рӕстӕджы волонтерон змӕлд райста егъау масштабтӕ - фӕсивӕд ӕххуыс кодтой туаггуыры хайады баллонтӕ хӕссынмӕ, сырх зонӕйы. Ӕххуыс цыд фӕсарӕнтӕй дӕр медикаментты хуызы, фӕстӕ нӕ лӕууыдысты бынӕттонтӕ дӕр.

"Сырх зонӕйы" куысты рӕстӕджы диссаджы адӕмыл фембӕлдтӕн. Сӕ иу Гӕбӕраты Алан, хуымӕтӕг цхинвайлаг лӕппу, кусы фиддонты комитеты. Уавӕр фенгӕйӕ бавдӕлд ӕмӕ ауӕй кодта йӕ хӕдтулггӕ ВАЗ 2109 ӕмӕ фӕрӕзтӕ радта коронавирусӕй рынчынтӕн хостӕн",- радзырдта Тыбылты Алан.

Тыбылты Алан йӕхӕдӕг "сырх зонӕйы" куыста иу мӕйы дӕргъы.

"Уавӕр фӕхуыздӕр ис. Иу суткӕйы цы 180 баллоны хъуыд, уыдон ныр дӕр хъӕуынц, фӕлӕ сӕ уӕладзгуытӕм нал хъӕуы хӕссын, туаггуыры хахх кӕй скуыста, уымӕн", - бафтыдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны волонтерон змӕлд ӕрнывыл кодта йӕ куыст.

Цхинвайлаг лӕппу ауӕй кодта йӕ хӕдтулгӕ, цӕмӕй баххуыс кӕна "сырх зонӕ"-йӕн

"Сарӕзтон Whats App къорд ӕмӕ уырдӕм бахастон волонтерон къордтӕй фӕйнӕ иугай адӕймаджы. Сахат раздӕр уым фехъусын кӕнын туаггуыры баллонтимӕ хӕдтулгӕйы 'рцыды тыххӕй ӕмӕ фӕсивӕд ратындзынц ӕххуысмӕ", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны районон рынчындоны бакодтой "сырх зонӕ"

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ацы къуыри рахызт куыстмӕ паддзахадон телеуынынадмӕ, фӕлӕ та йӕ ӕххуыс куы бахъӕуа, уӕд та февзӕрдзӕн рынчындоны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат тӕссаг масштабтӕ куы райста, уӕд республикӕйы фӕсивӕд ныггуылф кодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕ"-тӕм ӕххуысмӕ. Волонтертӕ архайдтой баллонтӕ хӕссыны хъуыддаджы, чызджытӕ сӕ тых радтой ӕфснайын ӕмӕ дохтырты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.