Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Ирон кафты аивад ахсджиаг бынат æрцахста адæмы царды, уымæн ӕмӕ ирон кæфтытæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æнгом баст æрцыдысты царды уавæртимæ æмæ æвдисынц фыдæлты цардвæндагы ирд оптимизм, зæрдæйы бæллицтæ æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik, Дриаты Лейла. Раздæр адæм кæд мæгуыр цардысты, уæддæр хъæлдзæгдæр ӕмӕ æмуддæр уыдысты. Искæуыл-иу исты хъæлдзæгдзинад куы æрцыд, кæнæ-иу хъæубæстæн исты иумиаг бæрæгбон куы уыд, уæд-иу сарæзтой куывд. Куывд та æнæ хъазт нæ фидыдта. Фæсивæд-иу сылгоймагæй, нæлгоймагæй æрбамбырд сты æмæ-иу чи кафгæ кодта, чи та кæсгæ. Уæдæ, ацы хъуыддаг дæр дзурæг ирон адæмы национ культурæйы кафты аивад кæй ахсы ахсджиаг бынат. Кафт дæр ирон адæмы поэтикон сфæлдыстадау тынг рагон кæй у, уый тыххæй Sputnik бæстондæрæй радзырдта Цхинвалы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик.

"Нæ адæмæн кафт семæ кæй райгуырд, уый бæрæгæй зыны фольклоры, уæлдайдæр та Нарты эпосы. Нарт æрмæст æнæбасæтгæ хъайтартæ нæ уыдысты, фæлæ ма рæвдз уыдысты кафынмæ, зарынмæ дæр", - банысан кодта уый.

Ирон кафты аивад ахсджиаг бынат кæй æрцахста нæ адæмы царды, уымæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ ирон кæфтытæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æнгом баст æрцыдысты царды уавæртимæ æмæ æвдисынц фыдæлты цардвæндагы ирд оптимизм, зæрдæйы бæллицтæ, æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæ.

Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Ирон аив, мидисджын кæфтытæ, Гаглойты Ростикы хъуыдымӕ гӕсгӕ,  фæзындысты æмæ равзæрдысты куысты бындурыл, цины æмæ масты æнкъарæнты зæлтимæ - зарджытимæ.

"Куыд зонæм, афтæмæй куыстæй улæфтмæ, улæфтæй куыстмæ тындзыдтой цæргæ цæрæнбонты адæм æмæ уый бæрæгæй йæ фæд ныууагъта ирон кæфтытыл. Ахæм рагон кæфтытæм хауынц "Сандрахъ", "Чепена" æмæ æндæртæ дæр. Ис нæм фæзмæн кæфтытæ дæр", - ранымадта хайады сӕргълӕууӕг.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, уыцы уагыл цы кæфтытæ равзæрдысты, уыдон цæмæй ма рох кæной адæмæй, уый тыххæй Цхинвалы районы ансамбль "Амонд" архайы йæ репертуар ахæм кæфтытæй баххæст кæныныл.

Телепроект "Кафт" равдыста ирон аивады рæсугъддзинад – Мамиты Григорий

Гаглойты Ростик ма куыд радзырдта, афтæмæй ирон адæмон кæфтытæ æмæ зарджытæ дæр кæнынц дыууæ дихы: нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгтыл. Ирон сылгоймаг фынджы уæлхъус куыд хицæн кодта, афтæ хицæн уыдысты сæ зарджытæ, сæ кæфтытæ дæр. Уыцы рæстæджы ирон хъазты æмпъызтытæ, зæронд дарæсы балæууын худинаг нæ уыдис. Уæдæ мæгуыр æмæ бонджыны дæр не ‘взæрстой, æрдзæй фыдуынд æмæ хæрзконды дæр кæрæдзийыл нæ барстой. Æппæт хуызты дæр хъазты бартæ æмæ хæстæ домдтой иунæг æгъдау - ирон намыс. Ирон намыс домдта иумиаг æгъдау æмæ фæтк.

"Ирон адæммæ стыр худинагыл нымад цыдис æнæ худ, æнæ ронæй ракафын. Сылгоймагæн та æнæ кæлмæрзæнæй æмæ бæгъæмзæнгæй хъазтмæ рахизын. Уæдæ пыхцылсæртæй, гомхъуыртæ, къуырддымджытæй, æнæдыстæ хæдæтты къабаты кафын дæр нымадтой нæ фыдæлтæ худинагыл. Рæстæджытæ ивынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ныр ирон хъазты ахæм æгъдæуттæ хынцыд нал цæуынц, фæлæ уыцы арæнтæй ахизæн нæй нæ ансамбылтæн сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдисгæйæ", - бафиппайдта Гаглойы фырт.

Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Ирон кæфтытæй иууыл зындгонддæр у "Симд". Йæ нæргæ кад хъуыстис дӕрддыл. "Симд" кæд иу кафт уыдис, уæддæр æй æххæст кодтой алы æмæ алы хуызты. Уыди тымбыл дæларм - уæлармæй хæцгæйæ, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæн къæйттæй лæугæйæ. Уыди дывæрсыг симд рахис фарсы нæлгоймæгтæ æмæ галиу фарсы та сылгоймæгтæн ерысы хуызы. Уыдис къæйттæй симд æмæ фæуд кодта кæронбæттæны цыбыр тымбыл кафтыл.

"Симд кафгæйæ нæ фидыдта уæлдай хъæлæба, тæлтæг фезмæлдтытæ. Симд æвдыста ирон царды мидис цины, ныфсы, æмзонддзинады, адæмы иумиаг тых. Ирыстоны кæмтты, хъæуты уыдис сæрмагонд фæзтæ симынæн. Уыдон нæмттæ баззадысты бынтон æрæджыйы онг дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы симыныл ахуыр цыдысты рæзгæ фæсивæд сыхгай, хъæугай, комгай алы уавæрты, кæм мусты, кæм астæууынгты", - радзырдта культурон архайӕг.

Фæлæ иумиаг бæрæгбæтты та Иры дзылæттæ æмбырд кодтой дзуæртты, кувæндæтты фæзтæм, уæд стыр симды уаг уыди уæрæхдæр, ахадгæдæр, куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр.

"Фæлæ абон уыцы æгъдау дæр байрох. Æмæ йæ цæмæй нæ кæстæртæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, уыцы нысанæн нæ районы культурæйы хайады ансамбль "Амонд" ӕрӕджы Джеры дзуары кувæндоны бын сарæзта хъазт ирон æгъдаумæ гæсгæ", - зӕрдыл ӕрлӕууын кодта уый.

Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Ирон кафт æппæтæй дæр баст уыдис æгъдауимæ. Кафгæ-кафын нæлгоймаг æнæнхъæлæджы дæр куы баныдзæвдаид сылгоймаджы дарæсыл, уæддæр-иу ын æй йæ цæстмæ бадардтой, бауайдзæф иу ын кодтой. Ахæм хъуыддаг иу раджы заманы расайдта тугкалдмæ дæр.

Хъазты мидæг уæлдай дзырдæппарæнтæ, хъæлæсыдзагæй худын, ирон адæммæ стыр æгады бынаты уыдысты æмæ сæ æхсæнад никæмæн барста. Цасфæнды дæсны кафджытæ ма уыдаиккой сылгоймаг æмæ нæлгоймаг, уæддæр ирон æфсармы фæлгæттæй нæ хызтысты. Къах-къухтыл кафын йæ зæрды ис нæлгоймагæн, уæд бæрæг бынаты, бæрæг афоныл, уымæй дæр сылгоймаг разыйы дзуапп хъуамæ радтаид.

Телепроект "Кафт" равдыста ирон аивады рæсугъддзинад – Мамиты Григорий

Ирон кафты аивады нæлгоймæгтæн уыдис сæхи кæфтытæ дæр. Цæвиттон ирон адæммæ æддæгуæлæ кафт уыдис симды бæрзонддæр, уæлцмондæр кæронбæттæн хай. Ацы хайы архайдтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ куыд кæстæртæй, рогдæрæй, арæхстджындæрæй. Æддæгуæлæ кафт уыди хæстон кафт фыдæлты уагыл. Тыгъд быдырмæ цæугæйæ хæстон фæсивæдæн арæзтой фæндарасты æгъдау Уастырджийы кувæндоны раз. Куывдтой сын бæрæг фæткыл æртæ кæрдзын æмæ бæгæныйы кæхцæй, стæй хъисфæндыры цагъдмæ цыдысты бæрæг къордтæй сæ фæндагыл. Хæстæй уæлахизæй æрбаздæхтысты, зæгъгæ, уæд-иу сыл сæмбæлдысты арфæтимæ, фæндыры цагъдимæ Уастырджийы кувæндоны раз фæзы.

"Хæстон кафты – симды уагæн ма нæм йæ фæстаг зонæнтæ æрхæццæ сты кæм хистæрты мысинæгты, кæм фæзмæн кæфтыты, иннæ мидис байрох. Мидхæсты архайджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй ма æртæ æддæгуæлæйæ акафыдысты 1921 азы Сау денджызы былгæрон Хуссар Иры бархионтæ æмæ Гæджиты Бадилайы бæхджын полчы ирæттæ гуырдзиаг меньшевиктыл фæуæлахизы кадæн", - загъта Гаглойты Ростик.

Ирон адæмы царды бæрæг бынат ахстой хъæлдзæггæнæн фæзмæн кæфтытæ дӕр. Архайдтой сæ фæсивæд æхсæны куывдты, бæрæгбæтты заманты. Уыцы уавæрты чызджытæ лæппуты фæлысты кафыдысты, фæзмыдтой зæронд лæгты æмæ устыты, уазæг лæппуты, фæзмыдтой сæ куысты æмæ улæфты, хæсты æмæ фæдисы уагыл.

"Адæмон кæфтытæ ахуыргæнгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ацы сфæлдыстад фæзынд куысты процессы рæстæджы æмæ йын æнгом бастдзинад уыдис адæмы цардимæ. Уыдоны ирдæй æвдыст цæуы ирон сæрибаруарзаг адæмы истори, сæ уарзондæр бæллицтæ, националон характеры хуыздæр æууæлтæ", - банысан кодта культурӕйы хайады сӕргълӕууӕг.

Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Уый ма радзырдта, ирон адæмы кæфтытæ фæхъæздыгдæр æмæ фæхуыздæр кæныныл стыр куыст кӕй бакодтой Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт архайæг Галаты Барис, Ирыстоны адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег, ГССР сгуыхт артисттæ Хетæгкаты Владимир, Тедеты Георги, Гаглойты Хазби, Саулохты Мэлс, Дзадтиаты Уакка, Битеты Павел, Цыбырты Володя æмæ æндæртæ.