ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы Цӕгат Ирыстоны дыууӕ адӕймаджы фӕзиан сты диагноз COVID-19-имӕ, ӕдӕппӕт вирусы аххосӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 77-мӕ. Уымӕй дарддӕр, республикӕйы рабӕрӕг кодтой 76 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 9053 онг.
- 316 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.
- 385 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
- 8275 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.
- 77 адӕймаджы амардысты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.