Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 18 ног рынчыны

Югосетпотребнадзоры лабораторийы ӕртыццӕджы сарӕзтой 127 басгӕрсты коронавирусы фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 18 ног рынчыны, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уыд дзы ӕвӕрццаг ӕнкъарӕнтӕ дӕр: волонтер "сырх зонӕ"-йы куысты тыххӕй

Ивгъуыд суткӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтой 127 тесты коронавирусы фӕдыл.

"Иу суткӕмӕ вирус сбӕрӕг кодтам 18 адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Афтӕ ма уый банысан кодта, фӕстаг суткӕйы дӕргъы республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕйӕ" кӕй рафыстой 37 адӕймаджы.

Югосетпотребнадзоры хистӕры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон медикты хъусдарды бын амбулаторон хоскӕнынады сты 1123 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 1707 адӕймаджы, уыдонӕй 584 сӕнӕниз сты.