Цӕгат Иры аварийы фӕмард 38-аздзыд нӕлгоймаг

Трагеди ӕрцыд автотрассӕ "Дзӕуджыхъӕу - Цыкола - Лескъен 2". Фӕндагон фыдбылызы фӕстиуӕгӕг фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйы шофыр фӕмард бынаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн фӕмард 38-аздзыд нӕлгоймаг, хъусын кӕӕы республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Дзæуджыхъæуы аварийы фæмард байкер

Трагеди ӕрцыд ӕртыццӕджы 15.50 сахатыл автотрассӕ "Дзӕуджыхъӕу - Цыкола - Лескъен 2"-ы 36-ӕм километрыл.

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕдтулгӕ "BMW X-5" шофыр не сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд ВАЗ 22150-имӕ, кӕцыйы скъӕрдта 57-аздзыд нӕлгоймаг.

BMW сфӕлдӕхт, йӕ шофыр фӕмард бынаты медикты ӕрцыдмӕ.