Цӕгат Иры ноджы 78 адӕймагыл бахӕцыд коронавирус

Пандемийы рӕстӕджы фӕрынынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы схызт 9131 онг, уыдонӕй 8391 сӕнӕниз сты, 77 рынчыны та амардысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 78 ног рынчыны. Бон раздӕр хъусын кодтой 76 фӕрынчынуӕвӕг ӕмӕ дыууӕ фӕмардуӕвӕджы тыххӕй. Цыппӕрӕмы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 9131 онг.

Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 18 ног рынчыны

- 220 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 443 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 8391 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.

- 77 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 60 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,4 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.