Хуссар Иры цӕрӕгӕй адавтой техникӕ 10 мин сомы аргъ – фыдгӕнӕджы ӕрурӕдтой

Милицийы кусджытӕ раргом кодтой хисӕрмагонд ифтоггарзы адавд. Фыдгӕнӕджы бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн камерӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik. Ӕбӕрӕг гоймаг адавта Цхинвалы районы Бихъары хъӕуы 61-аздзыд цӕрӕджы хӕдзарӕй мобилон телефон, DVD ӕмӕ спутникон антеннӕйы ресивер.

Хуссар Иры ӕнахъом лӕппуйы ӕрцахстой пенсионеркӕмӕ балӕбурды тыххӕй

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй адавды фӕдыл Арцеуы мидхъуыддӕгты хайадмӕ бадзырдта зианбаййафӕг йӕхӕдӕг. Зианы суммӕ рацыд 10 мин сомы.

Цхинвалы районы милицийы кусджытӕ ӕвӕстиатӕй ӕрурӕдтой зӕрдӕхсайгӕйы, Знауыры районы Аунеуы хъӕуы 35-аздзыд цӕрӕджы. Нӕлгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл ӕмӕ йӕ бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн камерӕмӕ.