ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ ФТЦ, авариты бахъыгдард сты фондз адӕймаджы, фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 194 фехӕлды. Авд шофыры ныхмӕ сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ - уыдон хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой нозтджынтӕй", - банысан кодтой барадхъахъхъӕнӕг уагдоны.
Уымӕй дарддӕр ма ивгъуыд къуыри республикӕйы регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы рабӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрмӕ ӕркондӕуыд авд адӕймаджы.