Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй

Электроэнерги ахицӕн кодтой цалцӕггӕнӕн-профилактикон куыстыты тыххӕй дӕлстанцыл Цӕгат Ирыстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ къуырисӕры, 30 ноябры, баззадысты ӕнӕ рухсӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл Цӕгат Ирыстоны.

Хуссар Иры электрондыхы хаххыл куыстытӕ аргъӕвтой митуарды тыххӕй

Республикӕйы электроэнерги нӕ уыдзӕн 10.00 сахатӕй 15.00 сахатмӕ.

Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ нывӕндысты ауадзын ноябры райдайӕны, фӕлӕ сӕ аргъӕвтой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.

Хуссар Ирыстон электроэнергии исы Уӕрӕсейӕ 110 КВт хахх "Зӕрӕмӕг — Цӕгаттаг портал — Дзау"-ы уылты.