Трансформатор РБМЦ ссыгъд цыбыр аныдзӕвды тыххӕй. Зынгсирвӕзт ахуыссын кодтой

Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны трансформатор ссыгъд къуырисӕры райсом. Бӕллӕхы бынатмӕ уайтагъд ӕрбахӕццӕ сты зынфӕдисонты къордтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны трансформаторы ссыгъды аххосаг уыд цыбыр аныдзӕвд, уӕлвӕткон цау ныридӕгӕн аиуварс кодтой, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ радгӕсон хайады.

Цхинвалы инфекцион рынчындоны ссыгъд трансформатор

"Зынгсирвӕзт ахуыссын кодтой. Йӕ ахоссаг ссис цыбыр аныдзӕвд. Цауы бынаты куыстой зынфӕдисонтӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ", - загътой радгӕсон хайады.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны трансформатор ссыгъд къуырисӕры райсом. Бӕллӕхы бынатмӕ уайтагъд ӕрбахӕццӕ сты зынфӕдисонты къордтӕ.