Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады фӕдыл мадзӕлттыл

Рабадты хайадисджытӕ банысан кодтой, модернизаци кӕй цыд ӕртӕ этапы ӕмӕ здӕхт у цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадий ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты министры х.ӕ. дыццӕджы ӕрдзырдтой цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады райрӕзты фарстытыл.

Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы модернизацийыл

Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ныхасы темӕ уыд республикӕйы социалон системӕйы модернизаци. Фембӕлды хайадисджытӕ банысан кодтой, модернизаци кӕй цӕуы ӕртӕ этапы ӕмӕ здӕхт у цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.

"Республикӕйы социалон политикӕ здӕхт у адӕмӕн эффективон ӕхххуыс бакӕнынмӕ, афтӕ ма саразын уавӕртӕ, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ сӕхӕдӕг аразой уавӕртӕ сӕхицӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн", - хъусын кӕны Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, социалон фадыджы райрӕзты нывӕзтмӕ гӕсгӕ, хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын нормативон-барадон базӕ, саразын социалон фӕдзӕхсты фонд ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлттӕ.