Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Ленингоры милицийы бӕстыхай

Амӕйразмӕ дезинфекци ауагътой Хуссар Ирыстоны МХМ бӕстыхайы Цхинвалы, афтӕ ма цалдӕр объекты Знауыры районы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ, кӕцыты ӕркодтой Хуссар Ирыстонмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн, ауагътой дезинфекци Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады бӕстыхайы.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ дезинфекци уадзынц Хуссар Иры районты

Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй сӕрмагонд фӕрӕзтӕй сдезинфекци кодтой къултӕ ӕмӕ бӕстыхӕйттӕ. Афтӕ ма ӕфсӕддонтӕ ауагътой дезинфекци Ленингоры ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады цалдӕр объектыл.

Радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады ӕфсӕдты колоннӕимӕ Ленингормӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цыдысты Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ.

Хуссарирыстойнаг медиктӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон дохтыртӕ. Ӕфсӕддон-быдырон госпиталь сӕвӕрдтой горӕты стадионы территорийыл, уый райдыдта исын пациентты.