Уӕрӕсейы ХМ медиктӕ баххуыс кодтой Хуссар Иры Юстицийы министрады кусджытӕн

Уагдоны кусджытӕ загътой бузныг уӕрӕсейаг медиктӕн сӕ куысты тыххӕй пандемийы уавӕрты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. УФ Хъахъхъӕнынады министрады ковид-госпиталы медиктӕ баххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады кусджытӕн коронавирусы ныхмӕ тох кӕнын.

"Ӕфсӕддонтӕ бабӕрӕг кодтой Юстицийы министрады бӕстыхай ӕмӕ уым сарӕзтой коронавирусы фӕдыл тесттӕ ӕмӕ антителаты фӕдыл анализтӕ кусджытӕн, кӕцытӕ уыдысты рынчын коронавирусӕй", - дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон медиктӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрад президент Бибылты Анатолийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагонмӕ куы бахатыд, уый фӕстӕ. Дыккаг бон президент Владимир Путины скъуыддзагмӕ гӕсгӕ УФ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу бахӕс кодта арвитын мобилон госпиталь Хуссар Ирыстонмӕ.