Сырд хъайтар: кæдæм "ацыд" нарт Батрадз горæты центрæй

Нарт Батрадзы скульптурæ фонтанимæ бирæ æзтæ дæргъы уыд президенты администрацийы бæстыхайы раз, фæлæ рацарæзты фæстæ айстой йæ бынатæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Столицӕйы хицауады хӕдзары раз бирӕ ӕзты дӕргъы лӕууыд нӕртон лӕджы скульптурӕ, адӕмы хсӕн йыл рфидар Нарт Батрадзы ном. Рацарӕзты фӕстӕ цырт-фонтан уырдыгӕй фӕтары ис, ныридӕгӕн ӕгадӕй бады цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады склады.

Йӕ автор Цхуырбаты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕнды "Батрадзы" фенын стыр парчы территорийыл.

Цырты бынат ныр та сфӕлыстой паддзахады фыццаг разамонӕг Хъуылымбегты Торезы бюст.

"Ӕз йӕ куыд зонын, афтӕмӕй ныридӕгӕн скульптурӕ ис горӕты цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады склады", - радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, цырты автор Цхуырбаты Тамерлан.

Уый бафтыдта, кӕй йӕ фӕнды цӕмӕй йын йӕ куыст раздахой столицӕйы стыр парчы территоримӕ.

Цхинвалы бакодтой цырт ӕбӕрӕгӕй фесӕфгӕ адӕмӕн

"Стыр парчы бахизӕны ис ӕмбӕлон бынат, йӕ бахизӕ дуӕрттӕ дӕр конд сты мӕ проектмӕ гӕсгӕ. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ та уым гӕнӕн ис скӕнын паркон скульптурӕты аллей. Ис мӕм нарты ӕндӕр хъайтарты ӕмӕ зындгонд гоймӕгты скульптурӕты чысыл формӕтӕ. Ацы куыст куы срӕвдз уа, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕудзысты мӕ коллегатӕ дӕр", - бафтыдта уый.

Нарт Батрадзы цырт уацамонгӕйы нуазӕнимӕ ӕмӕ фонтанимӕ вӕрд ӕрцыд ӕнусы райдайӕны, фӕстӕдӕр фехӕлд йӕ фонтан.