ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг таксисттæ æххуыс кæндзысты поликлиникæты дохтыртæ - ласдзысты сӕ рынчыны цæрæнуæттæм. Уый тыххæй дзырд цыд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайады æмбырды, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ӕмбырды архайдтой транспорты, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ бæлцæттæ ласæн фирмæты минæвæрттæ.
Парламенты сӕудӕджерадон æмæ транспорты комитеты сæрдар Бурдзиуты Валерий фæнысан кодта, республикæйы уæззау эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ парти "Иугонд Уæрæсе"-йы уæнгтæ кӕй фæсидтысты транспортон куыстутаттæм, цæмæй баххуыс кæной поликлиникæты кусджыты рынчынтæм хæццæ кæныны хъуыддаджы.
"Пандемийæйы рæстæг дохтыртыл уæззау уаргъ æвæрд ис, уымæ гӕсгӕ нæ фаг кæны транспорт. Дзæуджыхъæуы ӕртӕ поликлиникæимæ кусдзысты такситы дыууӕ фирмæйы", - бадзырдтой ӕмбырды.
Мадзалы ма загътой, шофыртæ кæй нæ куысдзысты коронавирусæй рынчынтимæ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,4 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.