Хуссар Иры ХМ сарӕзта ӕрсиддонты ныййарджытӕн гом дуӕртты бон

Ахуырадон ротӕйы бынатмӕ экскурсии саразыны тыххӕй барамынд радта хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕм фӕззыгон ӕрсидты солдаты ныййарджытӕн ардбахӕрды фӕстӕ сарӕзтой гом дуӕртты бон. Ӕрсиддонты хиуӕттӕн фенын кодтой ахуырадон ротӕйы бынат, цы ран фӕсивӕд хӕсдзысты сӕ службӕ, фехъусын кодта Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, ӕмгъуыдон службӕйы уавӕртӕ фӕстаг ӕртӕ азы "бӕрӕг кӕй фӕхуыздӕр  сты – ӕрнывыл ис ахуырадон-хъомыладон процесс алыгъуызон къабӕзты специалисттӕ бацӕттӕ кӕныны фӕдыл, фӕхуыздӕр штабон ӕмӕ казармӕйон фонд, хӕстон цӕттӕдзинады ахуырадон-материалон базӕ".

Хуссар Иры ХМ сарӕзта ӕрсиддонты ныййарджытӕн гом дуӕртты бон

Ӕрсиддонты хӕстӕджытӕ федтой плац, казармӕ, тренажерон зал, хӕрӕндон ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕ, цы ран ӕфсӕддонтӕ ӕрвитдзысты сӕ службӕ.

"Ӕрсидтонты ныййарджытӕ федтой, сӕ сывӕллӕттӕ службӕ кӕй хӕсдзысты иттӕг хорз уавӕрты – казармӕйы у хъарм, сыгъдӕг, ис дзы алы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгад ӕмӕ дзаума дӕр. Спортивон зал у ифтонг алцӕмӕй дӕр, ис ма дзы санитарон ӕмӕ цардуагон хатӕнтӕ дӕр. Райдзаст хӕрӕндоны ма ныййарджытӕн уыд фадат ацаходын ӕфсӕддон хӕринӕгтӕй дӕр", - радзырдта уагдоны минӕвар.

Административон бӕстыхайы ма ис уырнон ӕфсӕддонтӕн хатӕн дӕр, цы ран уыдонӕн сӕ бон у кувын Хуыцаумӕ.

Ӕфсӕддон городокы ма кӕронбӕттӕн этапмӕ фӕхӕццӕ кӕны Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн мемориалон комплексы арӕзтад дӕр. Уый стыр ахъаз у рӕзгӕ фӕлтӕртӕн ӕфсӕддон-патриотикон хъомылад раттынӕн.

Хуссар Иры ХМ сарӕзта ӕрсиддонты ныййарджытӕн гом дуӕртты бон

Ныййарджытӕн ма радзырдтой, куыд ӕрвитдзысты ӕрсиддонтӕ сӕ бон, уый дӕр. Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад ӕмӕ дӕсниӕдтыл цайдагъ кӕнынӕй дарддӕр ма уыдон цӕудзысты физикон цӕттӕдзинад, ахуыртӕ монон-фӕткӕвӕрдон ӕмӕ патриотикон хъомыладӕй.