ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы амардысты дыууӕ адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы Роспотребнадзоры пресс-службӕ.
"Цӕгат Ирыстоны 3 декабры 8.00 сахатмӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрации ӕрцыд 9682 (+ 79 иу суткӕмӕ) фӕрынчыны цауы ног коронавирусон инфекцийӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Фӕрынчынуӕвджытӕй 217 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл, 404 хос кӕнынц республикӕйы рынчындӕтты, бафтыдтой Роспотребнадзоры.
Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сӕнӕниз сты 8982 адӕймаджы. Вирусӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 79 онг.