Цхинвалы сӕвӕрдтой Юрий Гагарины цырт йӕ номыл скъолайы кӕрты

Дыууадӕсӕм астӕуккаг скъолайӕн Юрий Гагарины ном раттыны фӕдыл скъуыддзаг рахастой 1972 азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы дыууадӕсӕм скъолайы кӕрты сӕвӕрдтой цырт советон тӕхӕг-космонавт Юрий Гагаринӕн, радзырдта Sputnik ахуырадон уагдоны директор Ӕрсойты Геннадий.

"Цырт сӕвӕрдтой мӕйы размӕ скъолайы территорийыл, централон бахизӕны раз", - загъта директор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты тынг цымыдис кӕны ацы цырт.

Сырд хъайтар: кæдæм "ацыд" нарт Батрадз горæты центрæй

"Ӕз фарстон кӕстӕркъласонты, цы федтой ногӕй скъолайы карантины фӕстӕ, сывӕллӕттӕ уайтагъд дзуапп кодтой, уый кӕй у Юрий Гагарины цырт, кӕцыйы ном хӕссы нӕ скъола. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон уыд, сывӕллӕттӕ уый кӕй зонынц", - бафтыдта Ӕрсойты Геннадий.

Цырты сӕвӕрынӕн скъолайы къухдариуӕгадӕн баххуыс кодта горӕты администраци.

"Нӕ фарстимӕ мах бадзырдтам горӕты администрацимӕ, сӕйраджыдӕр, администрацийы кусӕг Козаты Аланмӕ, кӕцы нын баххуыс кодта. Уый йӕхимӕ райста цырт ныззаказ кӕнын, ӕрласын ӕмӕ йӕ сӕвӕрыны фарстытӕ", - бафтыдта уый.

1972 азы Хуссар Ирыстоны комсомолы обкомы скъуыддзагӕй дыууадӕсӕм скъолайӕн радтой Юрий Гагарины ном.