Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Абоны бон медикты хъусдарды бын сты 1002 адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 35 ног рынчыны, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 159 басгӕрсты, уыдонӕй 35 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Афтӕ ма уый бафтыдта, зӕгъгӕ, иу суткӕмӕ медикты хыгъдӕй систой 35 адӕймаджы, дохтырты хъусдарды бын ма сты 1002 адӕймаджы.

Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 1846 адӕймаджы, уыдонӕй сӕнӕниз сты 844 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.