Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

Коронавирусы пандемийы райдианӕй нырмӕ Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтӕуыд 11 419 тесты инфекции рафӕлгъауыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 24 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта  Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткӕйы цы 109 раиртӕсты сарӕзтам, уыдонӕй 24-ӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ. Медикты хъусдарды бын нырма ис998 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд суткӕйы республикӕйы медуагдӕтты хыгъдӕй систой 28 адӕймаджы. Ӕдӕппӕт сентябры райдианӕй сӕнӕниз сты 872 рынчыны коронавирусӕй.