Хуссар Иры сӕйраг инфекционист радзырдта РБМЦ "сырх зонӕйы" уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынтӕ хоскӕнынад цӕуынц Республикон бирӕпрофилон медицинон центры, афтӕ ма уӕрӕсейаг мобилон госпиталы ӕмӕ районон медицинон уагдӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ (РБМЦ) ивгъуыд суткӕйы бацыд иу пациент коронавирусимӕ, ӕдӕппӕт "сырх зонӕйы" хос кӕнынц 49 рынчыны, ноджы 15 адӕймаджы хоскӕнынад цӕуынц уӕрӕсейаг мобилон госпиталы, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

Тыбылты Александр: туаггуыры цех куыннӕ самал кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыддаг ӕвзӕр уыдзӕн

"РБМЦ "сырх зонӕйы" ис 49 адӕймаджы. Интенсивон терапийы палатӕйы ис ӕхсӕз пациенты. Иу адӕймаджы аластой Дзӕуджыхъӕумӕ, 84-аздзыд нӕлгоймаг та амард", - загъта Джиоты Элеонора.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу суткӕмӕ стационарӕй рафыстой 14 адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.