Цӕгат Ир райсдзӕн COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы ног парти

Мӕйы размӕ коронавирусы ныхмӕ прививкӕ сарӕзтой 42 адӕймаджы. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй нырма вакцинӕйӕ ницы ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ рахатыдтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ къуырийы кӕрӕттӕм ӕрласдзысты коронавирусы ныхмӕ вакцинӕйы 400 дозӕйы. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания" республикӕйы  Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Томайты Тамарайы ныхӕстыл нцойгӕнгӕйӕ.

Вакцинӕ ӕрласдзысты Дзӕуджыхъӕуы фыццаг полликлиникӕмӕ, фӕстӕдӕр та, иннӕ партиты райстимӕ прививкӕ саразыны фадат уыдзӕн ӕндӕр горӕты поликлиникӕты дӕр.

"Мӕйы размӕ прививкӕ сарӕзтой 42 адӕймаджы. Уыдон нырма вакцинӕйӕ ницы ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ рахатыдтой. Вакцинӕ кусы. Сидӕм цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕнӕмӕнгӕй саразой прививкӕтӕ", - загъта министрады минӕвар.

Томайты Тамара ма банысан кодта, COVID-19 апарахатимӕ сӕвзӕргӕ уавӕр нырма дӕр кӕй у вазыгджын ӕмӕ радон хатт ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕхӕст кӕной Роспотребнадзоры уынаффӕтӕ.