ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны августаг хӕсты тыххӕй фильм "Выжить нельзя погибнуть" равдисдзысты патриотикон кинойы ӕппӕтуӕрӕсейаг фестивалы Russian Elementary Cinema (REC). Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм регион.
Кинолентӕйы равдыст ацӕудзӕн 9 декабры (14:00 - 15:00 сахатыл мӕскуыйаг рӕстӕгмӕ гӕсгӕ) киностуди "Ленфильм"-ы директорон залы.
"Фестиваль цӕудзӕн 9-11 декабры. Эпидемиологон уавӕры тыххӕй залы бынӕттӕ уыдзысты цъус, ӕрмӕстдӕр йӕ 25%. Хайадисджыты бауадздзысты, кӕд ӕмӕ индивидуалон хъахъхъӕнӕн ӕрмӕгӕй пайда кӕной, уӕд. Равдыст феныны тыххӕй развӕлгъау хъӕуы хи ныффыссын сайты уылты, фильммӕ ма бакӕсӕн уыдзӕн онлайн дӕр", – дзурынц организатортӕ.
Раздӕр ма кинолентӕ ссис патриотикон кинойы VII ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Защитники Отечества-2020"-ы уӕлахиздзау. Фильм рамбылдта номинаци "Хуыздӕр ӕххӕстметражон фильм"-ы.