Цхинвалы фӕндзӕм бон уагъд цӕуы протесты акци. Горӕты центр ӕрӕхгӕдтой тыхон структурӕтӕ

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нӕ нывӕндынц сисын арӕнӕвӕрдтӕ акцийы фӕудмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы центры фӕндзӕм суткӕйы дӕргъы цӕуы протесты акци, кӕцы уадзынц Дзабиты Иналы хиуӕттӕ.

Столицӕйы центр ацы фондз боны дӕргъы ӕхгӕд у тыхон структурӕты кусджытӕй.

Уыимӕ иумӕ, ацы ран ис бирӕ административон бӕстыхӕйттӕ, кӕцытӕм ӕрвылбон цӕуынц сӕдӕгай адӕм. Ӕхгӕд уынгтӕ аразынц зындзинӕдтӕ шофыртӕн, сыхаг уынгтыл ӕрӕмбырд вӕййынц бирӕ хӕдтулгӕтӕ, ӕмӕ уый фӕдыл фӕзыны аварион уавӕр.

"Театралон фӕзуат цалдӕр боны дӕргъы ӕхгӕд у митингы тыххӕй. Ӕз не мбарын, цӕмӕн сӕхгӕдтой хӕдтулгӕты змӕлд Сталины уынджы ацы хайы. Митингы адӕм никӕмӕ ӕртхъирӕн кӕнынц. Уадз ӕмӕ тыхон структурӕты кусджытӕ ӕххӕст кӕной сӕ приказтӕ, фӕлӕ бакӕной фӕндаг, цӕмӕй хӕдтулгӕтӕ сӕрибарӕй цӕуой", - радзырдта горӕты цӕрӕг Аслан.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) банысан кодтой, хӕдтулгӕты змӕлдыл арӕнӕвӕрдтӕ уыдзӕн цалынмӕ протесты акци фӕуа, уӕдмӕ.

Хуссар Иры МХМ ӕрсидт цӕрджытӕм ӕнӕсанкцион митингты ма архайыны тыххӕй

"Дзабиты Иналы хиуӕтты протесты акци уагъд цӕуы фӕндзӕм бон. Зноны изӕр ацыд ӕнӕ цаутӕй. Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрвыл суткӕйы дӕргъы хъахъхъӕнынц Театралон фӕзуат ӕмӕ йӕ алыварс территори, афтӕ ма патруль кӕнынц столицӕйы уынгтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныны фӕдыл автотранспорты змӕлд сӕхгӕдтой Цхинвалы центры цалдӕр уынгыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Амӕйразмӕ мидхъуыддӕгты органты кусджыты иууылдӕр ракодтой службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Ахӕм режим уыдзӕн сӕрмагонд барамынды онг.

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад 28 августы бакодта угодовон хъуыддаг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, кӕцыйы ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй. Уый фӕстӕ отставкӕйы арвыстой хицауады, кӕцыйы ног сконд нырма дӕр не сфидар кодтой.