Бибылты Анатолий раарфӕ кодта депутаттӕн Хуссар Иры парламентыл 30 азы сӕххӕсты цытӕн

30 азы размӕ 9 декабры ацыдысты фыццаг ӕвзӕрстытӕ республикӕйы Уӕлдӕр Советмӕ – ацы бонӕй фӕстӕмӕ райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады арӕзтад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Парламенты депутаттӕн хъуамӕ сӕ куыст уа сӕхи интерестӕй бӕрзонддӕр бынатыл, ӕмӕ, фыццаджыдӕр, хъуамӕ архайой Конституцимӕ гӕсгӕ, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы закондӕттӕг органы сӕвзӕрды 30 азы цытӕн.

Хуссар Иры фыццаг парламентон ӕвзӕрстытӕ уыдысты демократийы цӕвиттон

Президент ӕрсидт депутаттӕм, цӕмӕй цӕвиттон исой фыццаг ӕрсидты депутаттӕй, ӕмӕ банысан кодта, сӕ патриотизмы руаджы райстӕуыд бирӕ бындурӕвӕрӕг документтӕ.

"Уӕззау политикон уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, алцыдӕр сарӕзтӕуыд, цӕмӕй мах райсӕм хӕдбардзинад Гуырдзыстонӕй, скъуыддзаг кӕнӕм нӕ социалон-экономикон хӕслӕвӕрдтӕ", - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, 1990 азы 9 декабры парламентмӕ ӕвзӕрстыты фӕстӕ райдыдтой аразын республикӕйы нормативон-барадон базӕ – ӕмӕ Хуссар Ирыстон слӕууыд паддзахаддзинад сфидар кӕныны фӕндагыл.

Президент бахахх кодта, ӕрмӕстдӕр закондӕттӕг ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг хицауады ӕмгуыстады руаджы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн уыдзӕн ирд фидӕн.