Хуссар Иры иу мӕймӕ ӕрурӕдтой 28 арӕнхалӕджы

ПӔК Арӕнгӕрон службӕ ауагъта алкӕцы цауы фӕдыл дӕр равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ, рафыстой ивартӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ноябры ӕрурӕдтой 28 арӕнхалӕджы, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы агуырдта Хуссар Иры политикон ӕмбӕхсӕн, радтой Гуырдзыстонӕн

Уагдоны банысан кодтой, 22 адӕймаджы кӕй фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, ӕхсӕз та арӕнгӕрон режим.

Алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагътой равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн 17 арӕнхалӕджы фӕивар кодтой, аст – арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, ӕртӕ адӕймаджы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ.

ПӔК зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕны сӕртыл уадзӕн пункттӕ ӕхгӕд кӕй сты сӕрмагонд барамынды онг.