Нарӕн фӕнд кӕнынц раттын историон хъӕуы статус

Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрӕджы ӕрцыд специалисты къорд Екатеринбургӕй, кӕцы ауагъта бынӕтты экспедици ӕмӕ ныртӕккӕ кусы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ бацӕттӕ кӕныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны бӕрзонд хӕххон хъӕу Нарӕн фӕнд кӕнынц раттын историон бынаты статус. Уый тыххӕй журналисстӕн программӕ "Гом хицауады" загъта РЦИ культурон бынты объектты хахъхъӕнын мӕ пайда кӕныны фӕдыл комитеты сӕрдар Агайты Эмилия, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

"Мах цӕттӕ кӕнӕм проект историон бынӕттӕ саразыны фӕдыл ӕмӕ Нар у фыццаг  хъӕу, кӕцыйыл ӕрӕвӕрдтам нӕ цӕст ӕмӕ кӕцыйыл сразы сты, уымӕн ӕмӕ у Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн хъӕу", - загъта уый.

Комитеты сӕрдар ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцыд специалисты къорд Екатеринбургӕй, кӕцы ауагъта экспедици ӕмӕ ныртӕккӕ кусы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ бацӕттӕ кӕныныл. Уыдон хъуамӕ ӕрнывыл уой ӕввахс рӕстӕджы.

"Кӕд нӕ къухты бафта Нарӕн историон хъӕуы статус радтын, уӕд ын уыдзӕн уӕлӕмхас финанскӕнынад дӕр. Ныридӕгӕн дӕр нӕм ис цымыдисон хъуыдытӕ, уыимӕ бынӕттон архитектортӕй дӕр, куыд гӕнӕн ис ацы бынатӕй спайда кӕнын, уый фӕдыл", - бафтыдта Агайты Эмилия.

Уый ма фехъусын кодта, историон номхыгъдмӕ радон объект та кӕй суыдзӕн Зруг – фӕндаг ӕм цӕуы Нары уылты, Зругы аргъуан та у бӕстӕйы рагондӕр кувӕндӕттӕй иу.