Дзиццойты: Абайты Уасо йæ дæсныйады уыд æппæты раззагонтæй сæ иу

Филологон зонæдты кандитат Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Абайты Васойы тыххæй
Sputnik
Дзиццойты: Абайты Уасо йæ дæсныйады уыд æппæты раззагонтæй сæ иу

Ацы аз 15 декабры зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Уасойæн нысан кæнынц йæ 120 азы юбилей. Филологон зонæдты кандитат Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, Уасо уыдис йæ дæсныйады æппæты раззагонтæй сæ иу.

"Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ногдзинæдтæ бахæссынц теоримæ, Абайты Васо дæр уыд уыцы ахуыргæндтæй. Фонемæйыл бирæ ныхас цыдис, фæлæ Абайты Уасо йæ ныхас загъта, цы у фонемæ æмæ йæ куыд хъæуы æмбарын", - банысан кодта Дзиццойты Юрий.

Юрий ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Уасо кæд стыр ахуыргонд уыдис, уæддæр æй Уæрæсейы фылдæр зыдтой фæсарæнтæм абаргæйæ. Уымæн уыд цалдæр аххосаджы Юрийы хъуыдымæ гæсгæ. Фыццаг уый, æмæ йæ куыстыты фылдæр хай фыст æрцыд уырыссаг æвзагыл, дыккаг та – "æфсæйнаг æмбæрзæны" тыххæй, зонадон литературæ зынтæй æфтыдис æддæмæ дæр æмæ мидæмæ дæр.

"Уый аххосæй Абайты Уасойы фæсарæнты къаддæр зонынц. Ныр ын йæ ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат англисаг æвзагмæ тæлмац кæнынц, фыццаг том уал рацыд æмæ йæ хуыздæр базондзысты", - бафиппайдта ахуыргонд.

Дзиццойты Юрий банысан кодта, зæгъгæ, æвзагзонынады куысты æвзонг ахуыргæндтæн Абайты Уасойы сæрты ахизæн нæй, уымæн æмæ уый сæвæртта бындур.