Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 23 ног рынчыны

Пандемийы райдайӕнӕй Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 12 минмӕ ӕввахс тесты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 23 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Амбулаторон хоскӕнынад цӕуынц 928 пациенты коронавирусы диагнозимӕ. Фӕстаг суткӕйы дӕргъы хыгъдӕй систӕуыд 32 адӕймаджы", - загъта уый.

Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 1067 ӕмбӕстаджы.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Югосетпотребнадзоры лабораторийы сентябры ӕмбисӕй сарӕзтой 11 853 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 1985 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.