Цхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фыццагады

Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды уыдзысты фондз лӕппу ӕмӕ иу чызг, уыдонӕн сӕ фылдӕр раздӕр азты уыдысты ацы ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны армрестлингы секцийы спортсментӕ стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фыццагады армспортӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕрмхӕцджыты тренер Джиоты Валерий.

Цхинвайлаг ӕрмхӕцӕг рамбылдта Петербурджы фыццагад ӕмӕ чемпионат

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны фыццагад уыдзӕн ӕвзарӕн Уӕрӕсейы фыццадмӕ. Ерыстӕ цӕудзысты 25-27 декабры.

"Командӕйы сконды сты Хӕбӕлаты Арсен, Сиукъаты Родион, Кӕсӕбиты Владислав, Дыгъуызты Милена, Джиоты Арсен ӕмӕ Джиоты Давид. Джиоты лӕппутӕй дарддӕр аннӕтӕн ис ерысты архайыны стыр фӕлтӕрддзинад. Ӕмткӕй та иууылдӕр сӕхи хорз бацӕттӕ кодтой", - загъта тренер.

Уымӕй размӕ, Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ фыццагадмӕ ӕвзӕрст рацыд ӕндӕр цхинвайлаг ӕрмхӕцӕг Плиты Батрадз, Санкт-Петербурджы фыццагад ӕмӕ чемпионат рамбулгӕйӕ.