Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 16 ног рынчыны

Пандемийы райдайӕнӕй Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтӕуыд 12 минмӕ ӕввахс тесты, уыдонӕй дыууӕ мин радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 16 ног рынчыны, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"67 тестӕй 16 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Амбулаторон хоскӕнынад цӕуынц 897 пациенты. Фӕстаг суткӕйы дӕргъы медицинон хыгъдӕй систой 37 адӕймаджы", - загъта уый.

Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Югосетпотребнадзоры лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 11919 иртӕсты COVID-19 фӕдыл, уыдонӕй 2001 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, 1104 рынчыны сӕнӕниз сты.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.