Цӕгат Иры ацӕудзӕн хъаматыл тохы турнир "Нарты Тох"

Ерысты тӕрхонгӕнджытӕ уыдзысты фӕлтӕрд спортсментӕ. Турниры фӕлгӕтты ацӕудзӕн ӕвзӕрстытӕ Уӕрсейы чемпионатмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2021 азы февралы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 13 декабры ацӕудзӕн республикон турнир хъаматыл тохӕй "Нарты Тох". Мадзал ацӕудзӕн Плиты Иссӕйы номыл 26-ӕм скъолайы.

Хуссарирыстойнаг милиционер рамбылдта ЦКФЗ чемпионат практикон ӕхстӕй

Турниры хайад райсдзысты патриотикон змӕлд "Юнармия"-йы хъомылгӕнинӕгтӕ 5-17 азы кары, кӕцытӕ ерыс кӕндзысты дыууӕ номинацийы – алайнаг ӕхсаргард ӕмӕ триатлон.

Ерысты тӕрхонгӕнджытӕ уыдзысты фӕлтӕрд спортсментӕ, кӕцыты хсӕн ис дунейы чемпионтӕ хъаматыл тохӕй ӕмӕ Хъаматыл тохы федерацийы регионалон хайады президент Къусаты Михаил. Турниры фӕлгӕтты ацӕудзӕн ӕвзӕрстытӕ Уӕрсейы чемпионатмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2021 азы февралы.

Мадзал уадзы Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕды ӕфсӕддон-патриотикон хъомылады центр Хъаматыл тохы федерацийы регионалон хайады ӕмархайдӕй.