Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Санитарон уагдон фехъусын кодта майрӕмбоны тестты бӕрӕггӕнӕнтӕ – улӕфт бонты тесттӕ нӕ арӕзтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы кӕрон сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 24 ног рынчыны, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Меценаттӕ гуманитарон ӕххуыс бакодтой районон рынчындонӕн Хуссар Иры

Санитарон уагдон фехъусын кодта майрӕмбоны тестты бӕрӕггӕнӕнтӕ – улӕфт бонты тесттӕ нӕ арӕзтой.

"Майрӕмбоны ӕдӕппӕт сарӕзтой 106 иртӕсты, уыдонӕй 24 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Уыцы бон ма медицинон хыгъдӕй систой 30 адӕймаджы, хъусдард бын сты 891 пациенты", - загъта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 2025 адӕймаджы, сарӕзтӕуыд 12 мин тестӕй фылдӕр.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.