Дзудцаты Тамерлан: нæ зонын, кæцы æнусы ма райгуырдзæн Гасситы Хсары хуызæн нывгæнæг
© Sputnik
Æрæджы йæ цардæй ахицæн ис Адæмон нывгæнæг Гасситы Хсар. Дзудцаты Тамерлан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Хсар уыд стыр нывгæнæг.
"Хсар йæ фæстæ ныууагъта арф фæд. Нæ зонын, кæцы æнусы ма райгуырдзæн Хсары хуызæн нывгæнæг", - загъта Тамерлан.
Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, йæ фембæлдтæ нывгæнæгимæ уыдысты, Хсар иу куы рцыд Цхинвалмæ, уæд. Ныхас цыд фылдæр аивадыл.
"Йæ цардæй иу мын диссаджы цаутæ радзырдта, æмæ иу дис кодтон, уыцы уавæрты цæргæйæ йын кæцæй фæзынд ахæм арф миддуне", - банысан кодта Дзудцаты Тамерлан.
Дзудцаты Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, Гасситы Хсары цард ахæм уæззау æмæ цымыдисон у, æмæ дзы киноныв рацæуит.
Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.