Бежанты Æхсар: Ирыстоны хуссармæ Сталины гоймаджы культ раргом кæнын не 'рхæццæ

Æвзонг фыссæг Бежанты Æхсар радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Сталины репресситы тыххæй
Sputnik
Бежанты Æхсар: Ирыстоны хуссармæ Сталины гоймаджы культ раргом кæнын не 'рхæццæ

Хуссар Ирыстоны цæрджыты æхсæн фæстаг рæстæджы фæзынд симпати Сталинмæ. Арæх ис фехъусæн, зæгъгæ, Сталины хуызæн къухдариуæггæнæн нæ хъæуы. Бежанты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонмæ не 'рхæццæ ис гоймаджы культ раргомкæнынад.

"Кæд æнæхъæн Советон бæстæйы уыд Сталины гоймаджы раргомы культ, уæд Гуырдзыстон рацыд уыцы хъуыдтаджы ныхмæ æмæ Ирыстоны хуссар хаймæ дæр уыцы раргом не 'рхæццæ, уымæн æмæ уыдыстæм сæ дæлбар", - загъта Æхсар.

Бежанты Æхсары хъуыдымæ гæсгæ, кæд искæй цымыдис кæны, Сталинæн цы хайбавæрд ис ирон адæмы репресситы, уæд информаци ссарæн ис архивты, кæцытæ конд æрцыдысты.

"Кæд æмæ 1937 азы цы репресситæ уагъд æрцыдысты, уыдонæн сæ нысан уыд советон æхсæнад ссæрибар кæнын знæгтæй, уæд се 'хсæн бахаудтой ахæмтæ, кæцытæ ирон адæмы 20-æм æзты сæлвæстой мæлæты комæй", - банысан кодта Æхсар.

Фыссæджы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны репресситæ уникалон хуызы æрцыдысты уагъд - Ирыстоны иудзинадыл чи дзырдта 1920 азты, уыдон иууылдæр скуыннæг кодтой.