Хуссар Иры ацӕудзӕн рейдтӕ ӕнӕзаконӕй назтӕ лыгкӕнджыты ныхмӕ

Фӕткхалджытӕй иу метры бӕрзӕндӕн наз чи ракала, уыдон ивар цӕудзысты 3 мины сомы бӕрцӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хъӕдын хӕдзарад тобӕтӕ сӕвӕрдта ногазмӕ наз бӕлӕстӕ калыныл, фӕткхалджытӕ ивар цӕудзысты, фехъусын кодта уагдоны хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Инал.

Наз бӕлас ӕмӕ гирляндӕтӕ: Цхинвал райдайдзысты цӕттӕ кӕнын Ног азмӕ

Уагдон барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ иумӕ уадздзӕн рейдтӕ, цӕмӕй рабӕрӕг кӕной фӕткхалджыты.

"Ӕрвылаз Ног азы агъоммӕ тынг бирӕ калд цыд наз бӕлӕстӕ, иутӕ официалон, аннӕтӕ сусӕгӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕвӕртам карз тобӕ. Фарон ма амалиуӕггӕнджытӕ ластой Цӕгат Кавказӕй", - загъта Къӕбулты Инал.

Уый ма радзырдта, 20 декабрӕй кӕй райдайдзысты иумӕйаг рейдтӕ.

"Рейдтӕ цӕудзысты Цхинвалӕй Гуфтамӕ, стӕй ма Ручъы ӕмӕ Къуайсайы фарс. Уыдон сты, хихджынтӕ кӕм зайынц, уыцы фарсытӕ", - бафтыдта уый.

Фӕткхалджытӕй иу метры бӕрзӕндӕн наз чи ракала, уыдон ивар цӕудзысты 3 мины сомы бӕрцӕй.