Цӕгат Ирыстоны дыууӕ адӕймаджы фӕзиан сты коронавирусӕй

Низы амӕттӕгты иумӕйаг нымӕц схызт 85 онг. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 88 ног рынчыны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы иу дыууӕ адӕймаджы амардысты COVID-19 диагнозимӕ. Низы амӕттӕгты иумӕйаг нымӕц схызт 85 онг, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Уӕрӕсе рахицӕн кодта Хуссар Ирӕн 80 милуан сомы коронавирусы ныхмӕ тохӕн

Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 88 ног рынчыны.  

Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчын сты 10 779 адӕймаджы, уыдонӕй 10 149 рынчыны сӕнӕниз сты, 85 амардысты. Республикйы медицинон уагдӕтты хос кӕнынц 409 пациенты, 136 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынадыл.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.