Ӕфсӕддонты сахъатдзинады фӕдыл Хуссар Ир ӕмӕ УФ хсӕн бадзырдмӕ ӕркӕсдзӕн Паддзахадон думӕ

Уӕрӕсейаг хицауад бахаста ӕмбӕлон документ дыццӕджы УФ Паддзахадон думӕйы ӕркастмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. УФ Паддзахадон думӕ ӕркӕсдзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн бадзырдмӕ Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджыты сахъатдзинады документтӕ банымайыны фӕдыл. Документ ныммыхуыр кодтой УФ парламенты электронон базӕйыл.

Хуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон

Бадзырд бафыстой ацы аз 17 марты Мӕскуыйы, дзырдӕуы законы проекты тексты.

"Бадзырды нысаниуӕг у Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы райрӕзты барадон ӕмӕ организацион бындурты арӕзтад", - дзырдӕуы документы.

Бадзырд ратдзӕн фадат адӕмӕн ӕвзарын пенсион ифтонгад УФ кӕнӕ Хуссар Ирыстоны законадмӕ гӕсгӕ.

Афтӕ ма нысангонд ӕрцыд, бадзырды реализацимӕ уӕрӕсейаг фарсӕй сӕ хъус дардзысты Фӕллойады министрад, Хъахъхъӕыннады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрад, хуссарирыстойнаг фарсӕй та – Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрад.