Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

Тактикон ахуырты хайад райстой 800 уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг ӕфсӕддоны, уыдон спайда кодтой дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы ныхмӕ артиллери ӕмӕ минометтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы артиллеристтӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дӕлхайӕдтӕ скуынӕг кодтой дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы нывӕзтон тактикон ахуырты рӕстӕджы, хъусын кӕны УФ Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"800 уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг ӕфсӕддоны, спайда кодтой 152-мм артиллерион хӕцӕнгарз "Акация" ӕмӕ 120-мм минометтӕ "Сани"-йӕ, скуынӕг кодтой нысӕнттӕ координаттӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ ӕрбацыдысты къухдариуӕгады пункттӕй, кӕцыты сконды архайдтой хуссарирыстойнаг мотоӕхсӕн дӕлхайӕдты командӕгӕнджытӕ", - радзырдтой зылды.

Афтӕ ма сӕххӕст кодтой 50 хӕслӕвӕрды ныхмӕлӕууӕджы разысгарӕн бронетехникӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты скуынӕг кӕныны фӕдыл.

Ахуырты ӕдӕппӕт архайдтой техникӕйы Хуссар ӕфсӕддон зылды хӕцӕнгарз ӕмӕ техникӕйы 70 иуӕджы.