ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтӕуыд 83 иртӕсты коронавирусы фӕдыл – уыдонӕй 19 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сарӕзтӕуыд 12307 тесты, уыдонӕй 2090 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
"Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 25 адӕймаджы. Ӕдӕппӕт рынчындонӕй рафыстой 1192 пациенты", - загъта Коцты Марина.
Медикты хъусдарды бын коронавирусы диагнозимӕ сты 898 пациенты, радзырдтой уагдоны.
"Абоны бон медицинон организациты хоскӕнынад цӕуынц 66 адӕймаджы", - бафтыдта уый.
Цхинвалы хоскӕнынад цӕуынц 59 рынчыны коронавирусы диагнозимӕ, уыдонӕй инфекцион хайады – 31 адӕймаджы, иу рынчын та ис реанимацион хайады. Знауыры районы дохтырты хъусдарды бын ис фондз адӕймаджы, горӕт Къуайсайы та дыууӕ адӕймаджы.
Хуссар Ирыстоны къуырисæрæй фæрогдæр кодтой коронавирусы фæдыл тæбæтæ.
Оперштаб радта бар культурон-массон мадзæлттæ уадзынæн. Хъæууон чысыл скъолаты куыст сног кодтой, уыимæ иумæ карантин ис 15 январьмæ ахуырадон уагдæтты.