Хуссар Иры коронавирусӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 54-мӕ

Республикӕйы сентябры ӕмбисӕй сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 2064 рынчыны, уыдонӕй 1212 сӕнӕниз сты, медикты хъусдарды бын сты 852 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусон инфекцийӕ амардысты 54 адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сӕйраг дохтыры хӕдивӕг Бекъойты Светлана.

Дзауы районы цалдӕр скъолайы сног кодтой сӕ куыст

Уый банысан кодта, дзырд кӕй цӕуы РБМЦ стационары статистикӕйыл

Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой Sputnik, ивгъуыд суткӕйы уагдоны лабораторийы кӕй сарӕзтой 95 тесты – уыдонӕй 26 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

"Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 20 адӕймаджы. Ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 1212 ӕмбӕстаджы", - фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Абоны бон медикты хъусдарды бын сты 852 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтӕуыд 12402 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2064 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны къуырисæрæй фæрогдæр кодтой коронавирусы фæдыл тæбæтæ.

Оперштаб радта бар культурон-массон мадзæлттæ уадзынæн. Хъæууон чысыл скъолаты куыст сног кодтой, уыимæ иумæ карантин ис 15 январьмæ ахуырадон уагдæтты.