ЦХИНВАЛ, 22 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2020 азмӕ Инвестпрограммӕйы объекттӕн фесты сӕ 90 проценты, банысан кодта республикӕйы арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард инвестицион программӕйы реализацийы фӕдыл штабы рабадтыл, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Афтӕ ма, финансты министр Хӕбӕлаты Аза банысан кодта, абон боны онг кӕй спайда кодтой Инвестпрограммӕйы реализацийы суммӕйы (1,5 миллиард сомы) 75 процентӕй.
Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтадыл. Рабадты хайадисджытӕ ӕрныхас кодтой автомобилон фӕндаг Гуфта-Къуайса, столицӕйы уынгтӕ, магистралон донуадзӕн Уанат-Цхинвал, быроны полигон ӕмӕ Паддзахадон фӕстауӕрцы бӕстыхайы арӕзтадыл.
Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, объектты фӕдыл документаци арӕзт кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа ӕвӕстиатӕй.
"Мах хъуамӕ равдисӕм фӕстиуӕг. Къуырийы кӕронмӕ хъуамӕ бавдисат финансон документаци алкӕцы объекты фӕдыл дӕр", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.