Хуссар Иры ПӔК бакодта уагдоны сайт

Уагдонон информацион ресурсы руаджы интернетӕй пайдагӕнджытӕ сӕ хъус дардзысты комитеты архайдмӕ, афтӕ ма "ӕххуыс кӕндзысты ӕххӕст кӕнын паддзахады ӕдасдзинад", банысан кодтой комитеты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) бакодта дыццӕджы уагдоны официалон сайт, хъусын кӕны комитеты пресс-службӕ.

"Уагдонон информацион ресурсы руаджы интернетӕй пайдагӕнджытӕ сӕ хъус дардзысты ПӔК архайдмӕ, афтӕ ма ӕххуыс кӕндзысты ӕххӕст кӕнын паддзахады ӕдасдзинад", - банысан кодтой уагдоны.

Уымӕй дарддӕр, комитет бакодта ӕууӕнчы линитӕ ацы номыртӕм +7 (929) 810-43-24 и +7 (928) 488-49-16, электронон пост kgb-ruo@mail.ru, кӕцыты уылты адӕмӕн фадат уыдзӕн хъусын кӕнын паддзахадон ӕдасдзинадӕн ӕртхъирӕнты тыххӕй.