Цӕугӕ наз бӕлас ӕмӕ онлайн концерт: куыд арвитдзысты цхинвайлӕгтӕ Ног азы размӕ бонтӕ

Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ цӕугӕ наз бӕлас, Митын Дада ӕмӕ Митын чызгимӕ ацӕудзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы районты дӕс фӕзуатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы 26 ӕмӕ 27 декабры ацӕудзысты ногбонон концерттӕ, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы культурӕйы хайады сӕргълӕууӕг Тасойты Игорь.

"Эпидемион уавӕры тыххӕй нӕ бон нӕу раздӕрау бирӕ адӕм ӕрӕмбырд кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мах аскъуыддзаг кодтам сорганизаци кӕнын цӕугӕ наз бӕлас Митын Дада ӕмӕ Митын Чызгимӕ. Наз бӕлас фӕзуатмӕ мах ӕрбаласдзыстӕм немӕ", - радзырдта Тасойты Игорь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн фехъусын кӕндзысты развӕлгъау. Мадзалы бынӕттӕ зындгонд ӕрцӕудзысты концертӕй цалдӕр боны размӕ.

Наз бӕлас ӕмӕ гирляндӕтӕ: Цхинвал райдайдзысты цӕттӕ кӕнын Ног азмӕ

"Алкӕцы ногазон фӕзуаты дӕр мах ауадздзыстӕм чысыл концерт. Сывӕллӕттӕ радзурдзысты Митын Дада ӕмӕ Митын Чызгӕн ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ азардзысты зарджытӕ, уыдон та сын ратдзысты лӕвӕрттӕ", - бафтыдта культурӕйы хайады хистӕр.

Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, Тасойты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, райдайдзысты микрорайон "Хурзӕрин"-ӕй 13:30 сахатыл. 

Уымӕй дарддӕр ма, бафтыдта Тасойты Игорь, 29-ӕм декабры ацӕудзӕн онлайн-концерт, кӕцы ӕвдисдзысты интернет-платформӕтӕтыл (Инстаграм, Одноклассники ӕмӕ Фейсбук).

Акцийы организаторӕй ралӕууыд Цхинвалы администрацийы культурӕ, спорт ӕмӕ фӕсивӕды хайад.