Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 15 ног рынчыны

Республикӕйы сентябры ӕмбисӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 2172 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 1333 сӕнӕниз сты, банысан кодтой Югосетпотребнадзоры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 15 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Сырх зонӕ"-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы

"Иу суткӕмӕ сарӕзтӕуыд 83 иртӕсты, уыдонӕй 15 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Фӕстаг суткӕйы дӕргъы медицинон хыгъдӕй систой 46 пациенты. Сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 1333", - загъта Гаглойты Анна.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, медикты хъусдарды бын сты 12 692 иртӕсты, уыдонӕй 2172 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны фæрогдæр кодтой коронавирусы фæдыл тæбæтæ. Оперштаб радта бар культурон-массон мадзæлттæ уадзынæн. Хъæууон чысыл скъолаты куыст сног кодтой, уыимæ иумæ карантин ис 15 январьмæ ахуырадон уагдæтты.