Хуссар Ирыстоны президент ацыд Мæскуымæ кусæгон балцы

Балц адарддæр уыдзæн дыууæ боны, уæрæсейаг столицæйы бæстæйы сæргълæууæгæн ацæудзæн къорд кусæгон фембæлды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ацыд кусæгон балцы Мæскуымæ. Нывæзтгонд балцы тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта дыццæджы Дзауы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.

Уæрæсейаг столицæйы Бибылты Анатолийæн ацæудзæн къорд кусæгон фембæлды, балц адарддæр уыдзæн дыууæ боны.