Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фӕцӕрӕн минимум ӕртыккаг кварталӕн

Бӕрӕггӕнӕн сфидар кодтой хицауады рабадтыл. Ӕртыккаг кварталы, дыккагмӕ абаргӕйӕ, фӕцӕрӕн минимумы бӕрц фӕкъаддӕр ис 363 сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Фӕцӕрӕн минимум ацы азы ӕртыккаг кварталӕн Хуссар Ирыстоны рацыд 10 884 сомы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Фӕцӕрӕн минимумы бӕрц сфидар кодтой хицауады рабадтыл.

"Фӕцӕрӕн минимум рацыд 10 884 сомы (дыккаг кварталы – 11 247 сомы). Социалон-демографион къордтӕн: куыстхъом цӕрджытӕн – 11 701 (12 111 сомы дыккаг кварталы), пенсиисджытӕн – 8 928 сомы 9 170 сомы дыккаг кварталы), сывӕллӕттӕн – 11 814 (12 230 сомы дыккаг ӕрдӕгазы)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хицауады бафиппайдтой, дыккагмӕ абаргӕйӕ ӕртыккаг кварталы фӕцӕрӕн минимумы бӕрц фӕкъаддӕр ис 363 сомы.