Икъаты Сæрмæт: хъуыды дæр никуы акодтон, ерысты хайад кӕй исдзынӕн

Æрыгон спортсмен йæ тренировкæты рæстæджы цы уæзтæ сисы, уыдон бирæтæм фæксынц рекордон, фæлæ уымæн та сты куыд нормæ, афтæ. Ис æм бирæ перспективон хъуыдытæ æмæ фæндтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik, Дриаты Лейла. Ӕвзонг хуссарирыстойнаг спортсмен Икъаты Сӕрмӕт кӕд нырма хӕрз ӕвзонг у – цӕуы йыл 22 азы, уӕддӕр ын ныридӕгӕн бантыст бирӕ уӕлахизтӕ. Сæрмæт ныртæккæ нымад у республкæйы уæззау атлетикæйæ æппæты æнтыстджындæр спортсмен. Кæд спорты ацы хуызы бирæ рæстæг нæ архайы, уæддæр ын ис бæрзонд æнтыстытæ. Ныридæгæн уый рамбылдта 40 фыццаг бынаты алыгъуызон æмвæзады ерысты. Цы рекордон уæзтæ систа, уыдон ныры онг сты æнæсаст.

Æрæджы та хайад райста уæззау атлетикæйы пауерлифтинджы хуызæй Новороссийскы уагъдцæуæг Европæйы кубокы ерысты æмæ ссис 125 киллограммы уæзы категорийы уæлахиздзау.

Икъаты Сæрмæт: хъуыды дæр никуы акодтон, ерысты хайад кӕй исдзынӕн

Спортсмены тренер Плиты Артур куыд загъта, афтæмæй та Сæрмæт радон хатт равдыста йе стыр тырнындзинад æмæ арæхстдзинад спорты ацы фадыджы.

"Фæстаг рæстæджы æппæт дунейы коронавирусы фæстиуæгæн карантины аххосæй уагъд нал цыдысты куыд ерыстæ, афтæ цæттæгæнæн тренировкæтæ дæр. Уымæ гæсæг Сæрмæт ерыстæм йæхи цæттæ кодта тынг цъус рæстæджы. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ равдыста тынг хорз хатдзæгтæ. Ацы ерысты уый æртæ хуызы æмткæй систа 750 килограммы", - радзырдта тренер.

Сæрмæт ма кæстæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд цыд Мая Четионы кафты къордмæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй абон цы спорты хуызы архайы, ууыл уыцы рæстæджы хъуыды дæр никуы акодта.

Фæлæ йæм спортмæ тырнындзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ фæстæдæр бацыд уæгъдибар хъæбысхæстмæ. Уым архайдта суанг астæуккаг скъола каст фæуыны онг. Уæлдæр ахуырад райсынмæ Сæрмæт бацыд Цæгат Ирыстоны Хæххон–металургон институтмæ электроаразæджы факультетмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ арæх цыд спортивон залмæ. Фæлвæрдта уæззау атлетикæйы нормæты фæлгæтты уæзтæ исыныл дæр.

"Æз хъуыды дæр никуы акодтаин, цæмæй ерысты хайад исон, тренировкæтæ кодтон æрмæстдæр мӕ спортивон формæ бахъахъхъæныны тыххæй. Мæ сæрибар рæстæджы фылдæр хай æрвыстон спортзалты. Уым æнæнхъæлæджы фембæлдтæн пауэрлифтинджы хуызы спорты мастер Дзугкоты Артурыл æмæ райдыдтон уыимæ кусын", - загъта Сæрмæт.

Фæлтæрд тренер уайтагъд рахатыд Сæрмæты спортивон потенциал æмæ йæ райдыдта цæттæ кæнын спорты бæрзонд къæпхæнтæм. Æмæ нæ фæрæдыд. Дыууæ мæйы фæстæ Сæрмæт хайад райста Уæрæсейы чемпионаты. Систа 245,5 килограммы уæз æмæ, 110 килограммы уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн ссис фыццаг бынаты хицау.

Дыккаг хатт: цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок

Уыцы аз ма хайад райста Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уæд пауерлифтинджы сконды æртæ хуызы ерысты æмткæй систа 650 килограммы æмæ ссис сыгъзæрин майданы призер.

Уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ Сæрмæт æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ дарддæр кæны тренировкæтæ йæ уарзон спорты. Цхинвалы уæззау атлетикæйы спорты фæлтæрд тренер Плиты Артуры къухдариуæгадæй уый йæхи бацæттæ кæны æмæ хайад райсы Уæрæсейы уагъдцæуæг ерысты.

Ивгъуыд аз, августы мæйы Сæрмæт хайад райста Курскы уагъдцæуæг æвзæнгты ‘хсæн Дунейы кубок рамбулыны ерысты æмæ равдыста ахæм хатдзæгтæ: йæ фæсонтыл хуысгæйæ систа 160 килограммы, йæ фæсонтыл систа 240 килограммы штангæ æмæ хæрдмæ та систа 280 килограммы. Афтæмæй æмткæй 680 килограммы сисгæйæ ссис турниры сыгъзæрин майданы хицау æмæ йæ кары спортсменты ‘хсæн та дунейы рекордсмен.

2017 азы Сæрмæт ногæй ссис 23 азы кары онг 125 килограммы уæзы категорийы "Дунейы чемпионты кубок"-ы хицау ӕмӕ Дунейы чемпион.

Икъаты Сæрмæт: хъуыды дæр никуы акодтон, ерысты хайад кӕй исдзынӕн

Æрыгон спортсмен йæ тренировкæты рæстæджы цы уæзтæ сисы, уыдон бирæтæм фæксынц рекордон, фæлæ уымæн та сты куыд нормæ, афтæ. Ис æм бирæ перспективон хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæстæдæр фæнд кæны республикæйы пауэрлифтинджы спорт райтынг кæнын.

"Уый у тынг пайда æнæниздзинад æмæ физикон тых фидар кæнынæн. Нæ республикæйы ис тынг бирæ курдиатджын фæсивæд æмæ мæ фæнды, цæмæй сын уа уавæртæ спорты ацы хуызы архайынæн. ",- загъта Сæрмæт.

Ӕвзонг спортсмен катай кӕны, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйæ чи архайы, уыдоны нымæц  хæрз цъус кӕй у, уый тыххӕй, фӕлӕ йӕ ныфс ис, тагъд рӕстӕджы уавӕр кй фӕивдзӕн хуыздӕрӕрдӕм.