Хуссар Иры парламент ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сессимӕ

Депутаттӕ хъуамӕ ӕркӕсой 2021 азы паддзахадон бюджеты законмӕ, афтӕ ма ивындзинӕдтӕм, кӕцытӕ хауынц Уӕрӕсейы рахицӕнгонд фӕрӕзтӕм коронавирусы ныхмӕ тохӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сты майрӕмбоны сессимӕ. Цӕмӕй боны фӕткы фарстытӕм ӕркӕсой, уымӕн нӕ фаг кодтой ӕртӕ депутаты – рабадтыты залы 34 депутатӕй уыд 20.

Закондӕттӕг органы сесси дыккаг хатт нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй.

"Абон мах хъуамӕ рахастаиккам цалдӕр ахсджиаг законы проекттӕ, сӕ нымӕцы 2021 азмӕ бюджет. Боны фӕткы ацы пункт у иууыл актуалондӕр абоны бон. Ууыл баст сты мыздты фӕфылдӕр ӕмӕ паддзахады органты архайд. Махӕн ахӕм бар ничи радта, цӕмӕй куыстмӕ ма цӕуӕм, уый раст нӕу", - загъта спикер Тадтаты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы алчидӕр фӕрыст ацы трагедийыл.

Хуымӕтӕг гӕххӕтт нӕу: Хуссар Иры парламенты вице-спикер 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

"Фӕлӕ мах уӕддӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ сӕйраг куыст – закондӕттӕджы куыст", - банысан кодта спикер.

Тадтаты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, депутатты куыстӕн, кӕцытӕ нӕ ӕххӕст кӕнынц парламенты хӕслӕвӕрдтӕ, ӕнӕмӕнг саргъ кӕндзысты.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты хай сентябры фехъусын кодта закондӕттӕг органы куыст ӕруромыны тыххӕй, цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отсавкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ депутаттӕ сессимӕ ӕрӕмбырд сты ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй сфидар кӕной ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.